филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:05 суббота, 18 мая 2024
05 октября 2021, 13:12
Республикæйы бæлвырд кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты практикон æхстытæй

Хуыздæр суæвыныл тох кодтой бæстæйы 6 регионæй 70 спортсмены

Арæхстдзинад, бæлвырддзинад æмæ змæлды ахст. Ацы æууæлтæй æххæстгонд чи у, уый бæлвырд кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты практикон æхстытæй. Хуыздæр суæвыныл тох кодтой бæстæйы 6 регионæй 70 спортсмены.

Алы фæзы дæр мысантæ алыхуызон æвæрд сты. Архайджыты цыбыр рæстæгмæ хъæуы мысан раст фехсын. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ чемпионаты архайджыты хæслæвæрдтæ æмæ фæлтæрæнтæ зынгæ фæфылдæр сты. Сæ бæрæггæнæнтæ сын кæрæдзимæ бафтауынц æмæ сбæрæг кæнынц хит-фактор. Уый нымад у æхсæджы дæсныдзинад раиртасыны миниуæгыл. Мысантæ вæййынц дыууæ хуызы — морæ æмæ урс. Ис ма дзы змæлгæ чи кæны, æмæ афтæмæй акъуырын кæй хъæуы, ахæм конструкцитæ дæр. Фæлæ хæслæвæрд æххæст кæнын цалынмæ нæ райдыдтой, уæдмæ хъуамæ æхстон йæхи сифтонг кæна.

Георгий Купреев практикон æхстыты архайы цыппар азы æмæ йæхи фæлвæрста алыхуызон ерысты. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ алы хатт дæр банкъары æмбал кæмæн нæй, ахæм æнкъарæнтæ, уæлдайдæр та старты размæ. Ацы ерыстæ та йын уæлдай ахсджиаг сты. Йæ ныхмæлæууæг у йæ мад. Ацы спорты хуызмæ æрбацыд йæ фырты фæстæ.

Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионаты ацы аз архайынц æхсæз регионы минæвæрттæ. Æвдай спортсмены ерыс кæнынц дыууæ категорийы — хистæртæ æмæ сывæллæттæ. Æппæты кæстæрыл цæуы аст азы. Æхстонтæ сты дыууæ къласы — серийон æмæ хуымæтæгтæ. Кæрæдзийæ хицæн кæнынц дамбацатæ куыд æмбырдгонд сты, уымæй. Ацы ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты, Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ чи бацæудзæн, уыцы спортсментæ.

Практикон æхстытæ Ирыстоны нымад сты спорты æрыгон хуызыл. Фæлæ ныридæгæн дæр не мзæххонтæ æвдисынц иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Ацы аз дæр цæгатирыстойнаг æхстонтæ бацахстой фыццаг бынат командон хыгъды. Æппæт хæрзиуджытæ дæр рамбылдтой хуымæтæг къласы. Серийон хуызы та систы призертæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania