филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:57 воскресенье, 19 мая 2024
18 августа 2020, 12:50
Республикæйы бæрнон службæтæ сæхи цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ

Бæстон зилынц хъармдæттæг трассæтæм

Цæмæй хъарм хæццæ кæна алы хæдзармæ дæр, стæй афоныл. Республикæйы бæрнон службæтæ сæхи цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ. Бæстон зилынц хъармдæттæг трассæтæм. Куыстытæ куыд цæуынц, уый феныны тыххæй объекттæм рацыдысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ. Цавæр хатдзæгтæ скодтой, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтыхъты Фатимæ.

Стыр поселокæн – стыр хъармгæнæн. Ацы агрегаттæ хъарм донæй ифтонг кæнынц 24 хæдзары æмæ ма Спутничы поселочы сывæллæтты рæвдауæндон. Æрæджы кусынгæрзты иу хай рацарæзтой. Ныртæккæ та хъæуы æгтæм базилын.

Егъау куыстытæ цæуынц хъармдæттæг трассæтæ сцалцæг кæныны хъуыддаджы. Хызтæм базилын хъæуы æппæт домæнтæ хынцгæйæ. Цæмæй хæдзæрттæм цæугæйæ, тæвд дон хæццæ кæна, æмæ ма уазал кæна. Лермонтовы уынджы дондзæуæн хæтæлты иу хай хъæуы баивын. Куыстытæ цыдысты цалдæр боны.

Æдæппæтæй хъармгæнæн сезоны райдианы агъоммæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ инспекцион балцы хъуамæ сбæрæг кæной 240 объекты. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, æппæт аипдзинæдтæ хъæуы бахынцын, фæлæ сæ се ппæт аиуварс кæнын нæ бантысдзæн. Уымæн æмæ сæ бæрæг кæндзысты эксплуатацийы рæстæг. Уымæ гæсгæ æхсæнадон кусджытæ хъармгæнæнты цæттæдзинадмæ кæсдзысты, уазæлттæ куы ралæууой, уæд. Бæрæггæнæн куыст куы цыди, уæд стыр аипдзинæдтæ нæ рабæрæг кодтой. Объекттæн сæ фылдæр эксплуатацийы домæнтæн дзуапп дæттынц. Кæд хæстæгдæр бонты исты фиппаинæгтæ раиртасой, уæд сæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ æрвитдзысты профилон ведомствотæм æмæ разамынддæттæг кампанитæм

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania