Куыстытæ цæуынц Лескены, Толдзгуыны æмæ Быдыры Дæргъæвсы
Республикæйы донæй ифтонггæнæг куыстуат Æрæфы районы дарддæр æххæст кæны системæйы рацарæзт. Куыстытæ цæуынц Лескены, Толдзгуыны æмæ Быдыры Дæргъæвсы. Уæлдай цæстдард цæуы объекты æдасдзинадмæ. Куыстыты цыды тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Æрæфы районы донуадзæн системæйы рацарæзт бацыд йæ тæмæны. Специалисттæ ивынц доны хæтæлтæ Быдыры Дæргъæвсы. Ам цæры 450 адæймаджы. Ныридæгæн конд æрцыдис куыстыты 70%.
Зæронд хызтæ 1950-æм азæй нырмæ ивд нæ уыдысты. Дондзæуæн системæйы рацарæзтæн иргъæвæн нал уыдис, зæгъынц специалисттæ. Ног азы кæрон районы цæрджытæ донимæ баст бирæазон проблемæ бынтон ферох кæндзысты. Ныртæккæ аразынц 2 резервуары. Алкæцыйы дæр цæудзæн доны 5 мин кубометры. Фæзындзæн дзы, доны сыгъдæгдзинад чи хъахъхъæндзæн, ахæм ног кусæнгарз.
Специалисттæ Лескены ныридæгæн скусын кодтой уæлæмхасæн хыз. Толдзгуыны рацарæзтой донæмбырдгæнæн.
Егъау рацарæзт бантыст, республикæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарæдты рæзты федералон проекты кæй архайдта, уый фæрцы.




