Афтæмæй, активон æмæ хъæппæрисджын фæсивæдæн фадат дæттынц скъолайы ахуыргæнгæйæ сæ фидæны дæсныйадыл кусынæн
Республикæйы физикон-математикон лицейы байгом æппæтуæрæсеон клуб «Большая перемена». Афтæмæй, активон æмæ хъæппæрисджын фæсивæдæн фадат дæттынц скъолайы ахуыргæнгæйæ сæ фидæны дæсныйадыл кусынæн. «Большая перемена» алы гæнæнтæ гом кæны 5-æм къласæй 11-æм кълæсты онг сывæллæттæн. Клубы фæсивæдæн æххуыс кæнынц ахуыргæнджытæ. Амонынц сын æхсæнадмæ сæ хъуыдытæ раст хæццæ кæныныл æмæ сæм гуырны кæнынц разамонæджы миниуджытæ. Клуб «Большая перемена»-йы сывæллæттæн бацæттæ кодтой сфæлдыстадон тыгъдад, ам аргъ кæнынц алкæйы хъæппæрисæн дæр, афтæмæй сын æххуыс кæнынц сæ размæ вæрд хæстыл кусыныл.
Конкурс «Большая перемена» у ног гæнæнтæ æмæ уавæрты фæз. Ис дзы сфæлдыстадон, бархионты, патриотон æмæ экологон къабæзтæ. Фæсивæдæн ам сæ бон у, сæ зæрдæмæ тынгдæр цы къабаз цæуы, уый равзарын, æмæ уымæ гæсгæ Уæрæсейы фæсивæды хсæн хи проектæн презентаци скæнын.