филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:10 вторник, 03 ноября 2026
01 августа 2022, 11:22
Республикæйы мидтуризм рæзы, æнтыстджын къахдзæфтæ кæнгæйæ

Афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстон бабæрæг кодтой 200 мин туристæй фылдæр

Республикæйы мидтуризм рæзы, æнтыстджын къахдзæфтæ кæнгæйæ. Афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстон бабæрæг кодтой 200 мин туристæй фылдæр. Бирæтæ ссæуынц дыккаг æмæ фылдæр хæттыты. Культурон-бæстæзонæн, экологон æмæ суанг гастрономон балцытæ дæр. Туроператортæн ис, дисы цæмæй бафтауой, уый. Фæлæ цымæ республиæкйы фаг уавæртæ ис уыйбæрц туристтæ суазæг кæнынæн? Ацы хъуыддаг сбæрæг кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Национ колоритмæ бандзæвын, фенын республикæйы рæсугъддзинæдтæ, базонын истори æмæ æгъдæутты тыххæй. Анастасия Емельянова Ирыстонмæ ссыд Хъазанæй йæ мадимæ. Туризм хъуамæ уа зондджын, зæгъы чызг. Ардæм ссæуыны размæ бакаст бынæттон культурæйы тыххæй информаци, федта Ирыстоны тыххæй кинонывтæ.

Анастасия æмæ йæ мадимæ Поволжьейæ республикæмæ туристон балцæгтæм гæсгæ ссыд 500 туристæй фылдæр.

Бынæттон историимæ рагагъоммæ чи нæ базонгæ, уыдонæн аразынц экскурситæ. Фыццаджыдæр, туристты ласынц Куырттаты коммæ. Хъæдæргъæвæны каньон, рагон фидар Дзывгъисы. Ирыстоны хъæздыг æрдзы ис, адæм сæ фæлладуадзæн рæстæг бахъуыды кæнынæн рæсугъд хуызистытæ кæм скæной, бирæ ахæм бынæттæ. Уыдоны фæрцы æмбæхст цæуынц туристтон инфраструктурæйы хъуагдзинæдтæ. Екатеринæ æмæ Айратæн бынæттон хойрæгтæн, æрдзæн æмæ уазæгуарзондзинадæн аргъ скæнынæн сæ бон ныхæстæ ссарын дæр нæу. Уыйбæрц хорз æнкъарæнтæ куы сæвзæры дæргъвæтин балцæй, уæд хуымæтæг уавæртæ кæй нæ фаг кæны, ууыл нæ фæхъуыды кæны адæймаг, зæгъынц чызджытæ.

Балцытæ аразджытæ хъуыдымæ гæсгæ,  уавæртæ хъæуынц. Нæ фаг кæны санузелтæ, ирхæфсæн бынæттæ, информацион нысантæ.

Фæлæ æрмæст сервис нæ къуылымпы кæны. Туристтæ республикæмæ фылдæр цæуын куы райдыдтой, уæд Цæгат Ирыстоны фæзындысты, сæ цæттæдзинад зæрдæхсаинаг кæмæн у, ахæм гидтæ. Æвзæр зонынц истори æмæ æгъдæуттæ. Завен Хачатуряны уырны, ахæм специалисттæ тæссаг сты. Йæхæдæг 5 азæй фылдæр аразы балцытæ Дзæуджыхъæуы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, истори æмæ æгъдæутты тыххæй ис цымыдисæй æмæ хъæлдзæгæй радзурæн, фæлæ уыимæ æнæ рæдыдтытæй. Ууыл хъæуы ахуыр кæнын.

Тагъд рæстæджы уыцы фарста лыггонд æрцæудзæн. Федералон закъон ныридæгæн бæлвырд кæны гидты архайд бæстæйы.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл специалистты аттестаци кæнынц. Хатдзæгтæм гæсгæ, цæттæдзинад чи ацыд, уыцы гиды бон суыдзæн саразын туристон маршруттæ æмæ экскурситæ.

Хæдахуыр гидты архайд закъоны бындурыл нал уыдзæн. Экскурситæ аразыны бар уыдзæн, æрмæст курсытæ чи ацыд, æмæ йæ дæсныдзинад чи сфидар кодта, уыдонæн. Туризмы комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй республикæ уазджытæн суыдзæн ноджы зæрдæмæдзæугæдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania