филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 суббота, 18 мая 2024
03 марта 2023, 11:57
Республикæйы Национ музейы равдыстыты залы байгом уыдзæн Биганты Зæринæйы куыстыты экспозици

Хаст æм æрцыдысты 40 нывы, æмæ дзы алкæцыйы дæр бæрæг дары авторы æрмдзæф

Абон республикæйы Национ музейы равдыстыты залы байгом уыдзæн Биганты Зæринæйы куыстыты экспозици «Живая линия». Хаст æм æрцыдысты 40 нывы, æмæ дзы алкæцыйы дæр бæрæг дары авторы æрмдзæф. Биганты Зæринæ у Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты нывкæнынады хайады фыццаг рауагъдонтæй иу. Нывкæнынады сусæгдзинæдтæ базоныныл æй ахуыр кодтой Бедойты Шалва, Челæхсаты Магрез, Басаты Олег. Ныртæккæ Зæринæ у аивæдты факультеты нывкæнынады хайады кафедрæйы доцент, Уæрæсейы нывгæнджыты Цæдисы уæнг. Критикты хъуыдымæ гæсгæ, Биганты Зæринæйы сфæлдыстадон авналæнтæ сты тынг уæрæх. Мастер кусы тыгъдады æмæ æрмдæсныйады къабæзты. Ацы равдысты ма фенæн уыдзæн натюрморттæ æмæ пейзажтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania