филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 понедельник, 02 ноября 2026
08 сентября 2026, 10:39
Республикæйы офицерты хæдзары арæзт æрцыд армрестлингæй турнир

Сæхи дзы фæлвæрдтой 58-æм æфсады службгæнджытæ, 100 салдаты онг

Республикæйы офицерты хæдзары арæзт æрцыд армрестлингæй турнир. Сæхи дзы фæлвæрдтой 58-æм æфсады службгæнджытæ, 100 салдаты онг. Хуыздæрты иртæстой цалдæр уæзы категорийы. Турнир у æвзарæн. Уæлахиздзаутæ ацæудзысты Екатеринбургмæ, Гæрзифтонг тыхты Кубок рамбулыны ерыстæм. Куыд сæм цæттæ кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ныр 7 азы Михаил Акинин архайы армрестлингæй. Йе спортивон фæндаг райдыдта хъæбысхæстæй, фæлæ йæ фæстæдæр бахъуыд тренировкæтæ ныууадзын. Уæд йæхи бафæлвæрдта ацы спорты. Æмæ дзæгъæлы нæ. Сси спорты мастер. Михаил ис Стъараполы крайы командæйы хыгъды. Ерысты архайы 100 килограммы онг уæзы категорийы. Уый тыххæй йæ хонынц «Старомарьевский Богатырь». Михаил спорт иу кæны æфсæддон службæимæ. У æмгъуыдмæ службæйы салдат. Дзæуджыхъæуы архайдта 58-æм æфсады командæгæнæджы кубок рамбулыны турниры армрестлингæй

Ацы турниры уæлахиз дæтты, Гæрзифтонг тыхты кубок рамбулыны ерысты архайыны фадат. Уыдзæн Екатеринбурджы. Михаил Акининмæ ис фæлтæрддзинад: афæдзы райдиан бацахста фыццаг бынат. Дзасохты Сослан та ацы турниры хуыздæры ном райсыныл никуы ма тох кодта.

Турнир арæзт цæуы ныр 3-аг аз. Ацы хатт сæмбырд кодта 100 спортсмены онг 58-æм æфсады алы дæлхайæдтæй. Се хсæн орденты кавалертæ, йæ астæуыхъæд хъыгдард кæмæн у, сæрмагонд æфсæддон операцийы ахæм архайджытæ. Ерыстæ байгом кодтой кадджын уавæры. Спортменты размæ рацыдысты Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы хъомылгæнинæгтæ, национ музыкæйы ансамбль «Хæхты зæлты» æмæ Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы фольклорон кафты театр «Æртхурон»-ы артисттæ.  Бæрæгбоны уыдысты сæрмагонд операцийы ветерантæ, номдзыд спортментæ. Архайджытæ ерыс кодтой 7 уæзы категорийы. Михаил Акининæн æмæ Дзасохты Сосланæн бантыст сæхи категориты фыццаг бынæттæ бацахсын.

Æфсæддонтæн спорт у сæ дæсныйады æнæмæнг хай. Уымæ гæсгæ тæрхонгæнджытæ нысан кæнынц, ацы Кубокы стыр ахадындзинад спортсментæн. 58-æм æфсад æнгом æмгуыстад кæны республикæйы армрестлингы федерациимæ.

Турнир радон хатт равдыста 58-æм æфсады хæстонты фидардзинад æмæ хæстон æфсымæрады æнгомдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania