29 января 2021, 11:58
Республикæйы райдыдта Цæгат Ирыстоны чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй
Спорты галуан «Манеж»-ы ерыс кæндзысты 250 спортсмен
Республикæйы райдыдта Цæгат Ирыстоны чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Знон æмæ абон спорты галуан «Манеж»-ы ерыс кæндзысты 250 спортсмены. Сæ уæзмæ гæсгæ арæзт æрцыд 10 къорды. Се хсæн ахæм зындгонд богæлттæ куыд Сидахъаты Зауырбег æмæ Тускъаты Азæмæт. Чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ сфидар кæндзысты республикæйы хъæбысхæцджыты иугонд командæ, уый Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн Уæрæсейы чемпионаты. Арæзт уыдзæн 12-14-æм мартъийы Улан-Удэйы.
темæмæ гæсгæ