филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:33 воскресенье, 12 мая 2024
29 июня 2021, 11:55
Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд фæсивæдимæ

Раздæр уал аныхас кодта бархионтимæ, уый фæстæ та иннæ къабæзты активисттимæ

Æргом ныхас. Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд фæсивæдимæ. Раздæр уал аныхас кодта бархионтимæ, уый фæстæ та иннæ къабæзты активисттимæ.

Ресурсон центры бархионтæ æмæ хъахъхъæнджытæй зонындзинæдтæ. Ацы хатт æркастысты, фæндаггон фыдбылызы чи бахауди, ахæм машинæмæ. Уый фæстæ та центры гыццыл экскурси. Сергей Меняйло ам уазæгуаты ис фыццаг хатт. Йæхæдæг федта, ам алчидæр йæ хъуыддаг иттæг хорз кæй зоны, уый. Сæ дæсныйад фидар кæнынц сæрмагонд кусæнгæрзтæй.

Ресурсон центр кусы 2 мæйæ фылдæр. Фæлæ бархионтæ сæхæдæг иумæйаг къорд раджы скодтой. Царды рауагътой студентон ирвæзынгæнджыты цæдисы проекттæ. Фæсивæд арæх скæнынц ахуырадон курсытæ, сæхæдæг дæр фæархайынц алыхуызон акциты. Феххуыс кæнынц, æрмæст республикæйы территорийы нæ, фæлæ Цæгат Ирыстонæй дæрддзæф рæтты дæр.

Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг уый фæстæ фембæлд фæсивæдон змæлды активисттимæ. Се хсæн рауад фарст-дзуаппы хуызы æргом ныхас. Фылдæр ныхас цыди проекттыл. Сергей Меняйло фæсивæды схуыдта Ирыстоны фидæн. Ныртæккæйы фæсивæд хицæн кæнынц сæ æрхъуыдыдзинæдтæй, æмæ уымæй хъæуы пайда кæнын.

Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ахуыргæндты хæдзары æрæмбырд 80 адæймаджы. Республикæйы разамонæгимæ фембæлын бафæндыди бирæты. Пандемийæйы аххосæй фембæлды архайджыты бахъуыди дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын. Маскæты режим – æнæмæнг.

Фембæлд саразджытæ сæ зæрдæ дарынц, ахæм мадзæлттæ традицион кæй суыдзысты, ууыл. Фæсивæдæн фадат уыдзæни  ахæм хуызы республикæйы разамонæгимæ ахсджиаг фарстатæ лыг кæнынæн. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, иумæйагæй бакусæн ис æппæты  ахсджиагдæр хъуыддæгтыл. Ацы хатт æргом ныхас рауади ахадгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania