филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:54 среда, 01 мая 2024
21 октября 2021, 12:41
Республикæйы Сæргълæууæг бабæрæг кодта Хъарман-Сындзыхъæуы цы 120 бынатæн рæвдауæндон аразынц, уый

Куыстытæй разыйæ нæ баззад

Бæлвырд фæткмæ гæсгæ нысантæ æххæст кæнын æмæ афоныл объект радтын. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, аразæг хъуамæ йæ размæ сæвæра, ацы хæстæ. Республикæйы Сæргълæууæг бабæрæг кодта Хъарман-Сындзыхъæуы цы 120 бынатæн рæвдауæндон аразынц, уый. Куыстытæй разыйæ нæ баззад. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон арæзт цæуы национ проект «Демографи» æххæстгæнгæйæ. Объект хъуамæ цæттæ уа афæдзы кæрон. Подрядон организацийы директор куыд загъта, афтæмæй куыстыты къуылымпы кæны боны хъæд. Ныртæккæ объекты куыстытæ уыцы иу рæстæг цæуынц цалдæр фæзыл. Тагъд бавналдзысты мидæгæй куыстытæм. Кæд бæлвырд рæстæгмæ нæ фæуой куыстытæ, уæд сæ аразæг дарддæр æххæст кæндзæн йæхи фæрæзтæй, загъта профилон ведомствæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин. Хæстæгдæр рæстæг Сергей Меняйло фæнд кæны республикæйы паддзахадон контрактты фæлгæты  социалон объекттæ чи аразы, уыцы подрядон организациты разамонджытимæ фембæлын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania