филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:33 среда, 01 мая 2024
07 октября 2021, 10:57
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд цæрджытимæ

Ныхас цыди хъæуты иумæйаг лыггæнинаг фарстатыл æмæ материалон æххуысыл

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд цæрджытимæ. Ныхас цыди хъæуты иумæйаг лыггæнинаг фарстатыл æмæ материалон æххуысыл. Афтæ, Елхоты цæрджытæ хъаст кæнынц уынгты дзы рухс кæй нæй, уымæй. Бæлвырддæр та – тыхсынц Ленины уынджы цæрджытæ. Афтæмæй дзы цæджындзтæ æмæ электрон тыхдæттæн хæтæлтæ æвæрд ис. Уавæр снывыл кæнынæн хъæуы милуан соммæ хæстæг. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахсджжиаг у, бынæттон рауагъдатты рухсгæнæнтæ сæвæрын. Хъæуы цæрджытæ ма дзырдтой, ахуыргæнæндæтты цур къахвæндæгтæ кæй нæй, зæгъгæ. Уый та æдас нæу, уымæн æмæ сывæллæтты цæуын фæхъæуы фæндаджы сæрты. Фарста алыг кæнынæй зæрдæ бавæрдтой афæдзы кæронмæ. Фæрæзтæ йын ныридæгæн ис. Беслæны цæрджытæ та разы не сты дондзæуæн системæйы куыстæй. Хæтæлтæй дон цæуы гыццылгай. Хатгай та дзы æппындæр нæ вæййы. Сергей Меняйло бахæс кодта цæрæнуæтты – коммуналон хæдзарады æмæ районы разамындæн, ацы хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ сраст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania