Проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад»-æн фæрæзтæ радих кодтой федералон бюджетæй. Афтæмæй апарахат уыдзæн 110 ахуыргæнæндоныл.
Республикæйы скъолаты фæзындзысты шахмæттæй хъазæн уазæгуæттæ.
Проект «Алы сывæллоны æнтыстдзинад»-æн фæрæзтæ радих кодтой федералон бюджетæй. Афтæмæй апарахат уыдзæн 110 ахуыргæнæндоныл. Алы комплекты дæр уыдзæн демонстрацион фæйнæг, шахмæттæй хъазæн стъолтæ, фигурæтæ, сахаттæ, стеллаж, къæлæтджынтæ æмæ æндæр бадæнтæ. Уыцы-иу рæстæг шахматтæй хъазæн уазæгуаты архайдзæн 12 адæймаджы. Ахуырады министр Людмилæ Башарина куыд радзырдта, афтæмæй 2018-æм азæй нæ республикæйы царды уадзынц проект «Шахматты ахуырад». Къæпхæнгай райдиан кълæсты дæттынц шахматты уроктæ. Уый фадат ратдзæн сывæллæтты логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнынæн.