филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:26 понедельник, 20 мая 2024
02 апреля 2021, 13:39
Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны райдыдта шахмæттæй турнир «Белая ладья»

Архайынц дзы Цæгат Ирыстоны ахуырадон организациты командæтæ

Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны райдыдта шахмæттæй турнир «Белая ладья». Архайынц дзы Цæгат Ирыстоны ахуырадон организациты командæтæ. Алы командæйы дæр 4 адæймаджы, сты 2007-æм азы онг гуырд. Турнир цæудзæн дыууæ боны. Уæлахиздзау командæ райсдзæн турниры æппæтуæрæсеон къæпхæны архайыны бар, июны. Турнир у традицион. Аразын æй райдыдтой ивгъуыд æнусы 60-йæм азты. Йæ сæйраг нысан у сывæллæтты бæлвырд наукæтæ ахуыр кæнынмæ разæнгард кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania