филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 понедельник, 06 мая 2024
19 октября 2023, 11:42
Республикæйы уæлæмхасæн ахуырады центры сывæллæттæн ис алыхуызон гæнæнтæ

Наутæ æмæ авиамодельтæ аразынæй уæлдай фæсивæды ахуыр кæнынц картингыл

Фидæны инженерты, конструкторты æмæ механикты фæндаг. Республикæйы уæлæмхасæн ахуырады центры сывæллæттæн ис алыхуызон гæнæнтæ. Зæгъæм, сæ хъуыдытæ рауадзынц царды. Наутæ æмæ авиамодельтæ аразынæй уæлдай фæсивæды ахуыр кæнынц картингыл. Уæлæмхасæн ахуырад сывæллæттæн сæ курдиæттæ раргом кæнынæн куыд ахъаз кæны, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Владислав Фоменкойыл цæуы 10 азы, фæлæ йæ кар нæ хынцæгæйæ у 2 хатты республикæйы чемпион авиамодельтæ аразыны спортæй. Кæддæриддæр йæ уарзон хъазæн уыд конструктор. Куыд зæгъы, афтæмæй республикæйы уæлæмхасæн ахуырады центр ын сси 2-аг хæдзары хуызæн. 4 азмæ сарæзта 6 науы. Ныр та кусы æвдæмыл. Цæмæй сæ сараза, уый тыххæй йæ бахъæуы иу мæйæ цалдæр азы онг. Нау цы хуызæн у, рæстæг дæр уымæй аразгæ у.

Алцæмæ дæр хъæуы бæстон кæсын. Куысты фылдæр хатт бахъæуынц гæххæт, картон, æфсæйнаг æмæ афтæ дарддæр. Кусæнгарз равзарынц хъомылгæнинаджы зонындзинæдтæм гæсгæ. Нау саразын æнцон нæу, уымæ гæсгæ хуыздæр у, сывæллон йæ сабибонтæй фæстæмæ ахуыр кæнын куы райдайы, уæд. Республикæйы уæлæмхасæн ахуырады центры ахуыргæнæг Александр Амбаров куыд зæгъы, афтæмæй ам сывæллæттæ райсынц, дарддæр сæ царды чи бахъæудзæн, ахæм зонындзинæдтæ.

Наутæ аразынæй уæлдай ма сывæллæттæн амонынц хæдтæхджытæ аразын дæр. У техникон сфæлдыстады хуыз. Ацы аз, июлы фæсивæд фæуæлахиз сты Æппæтуæрæсеон наукон – техникон олимпиадæйы авиамодельтæ аразыны спортæй. Уæрæсейы кубок рамбулыны ерысты та бацахстой 1-аг æмæ 3-аг бынæттæ.

Уæлæмхасæн ахуырады центры æппæтæй ахадгæдæр у картинг. Ам сывæллæттæ тренировкæтæ кæнынц, сæр кæмæн нæй, ахæм хæдтулгæтыл.

Ахуыр фæкæнынц Жуковскийы номыл парчы. Ныридæгæн картингæй архайынц 15 адæймаджы. Алы урок дæр фæцæуы 3 сахаты. Арæзт вæййы 2 хайæ. Уæлæмхасæн ахуырады центры куыд зæгъынц, афтæмæй теори – уый иу, фæлæ практикæ зонын та уæлдай хуыздæр у. Фæкусынц зымæгон дæр.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæлæмхасæн ахуырады системæйы техникон сфæлдыстад у æппæтæй парахатдæр. Афæдзæй – афæдзмæ программæ кæны уæрæхдæр. Ахуыртæ сты лæвар. Уымæ гæсгæ, 5 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæсивæдæй алкæмæн дæр ис æрбацæуыны бар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania