филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:46 вторник, 07 мая 2024
10 марта 2021, 14:27
Республикæйы журналисттæн арæзт æрцыд пресс-тур Алагиры районыл

Равдыстой сын, подрядон организацитæ цы куыст бакодтой, уый

Кæд Уæллаг Бирæгъзæнджы бындурон цалцæг иттæг хорз скодтой, уæд Дзуарыхъæуы культурæйы Хæдзары та сæйраг фарста алыг кæнын нæ бантыст. Нæ республикæйы журналисттæн арæзт æрцыд пресс-тур Алагиры районыл. Равдыстой сын, подрядон организацитæ цы куыст бакодтой, уый. Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ уыди нæ уацхæссæг Томайты Батраз дæр, æмæ йын ныхасы бар.

Зарын, кафын æмæ адæмон инструменттыл цæгъдын. Дзуарыхъæуы культурæйы хæдзары тематикон къордтæм цæуы сæдæ фæндзай адæймагæй фылдæр. Ивгъуыд аз ам арæзт æрцыдысты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Уыдон бакæнын бантыст, национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ. Культурæйы хæдзары директор Фæрниаты Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй цалцæджы размæ къултæ уыдысты хъуына æмæ уымæл. Фæлæ ныр дæр уыцы фарста лыггонд не рцыд.

Культурæйы рæзтыл кусгæйæ, рох кæнын нæ хъæуы ахуырады фарстатæ дæр. Уæллаг Бирæгъзæнджы скъола арæзт æрцыд цыппор дыууæ азы размæ. Ныртæккæ ам ахуыр кæны нæуæдз скъоладзауы. Бындурон цалцæджы рæстæг баивтой бæстыхайы сæр, базылдысты йе ддаг бакастмæ, сног кодтой электрон тыхдæттæг телтæ, дондзæуæн æмæ канализацион системæтæ. Уæдæ сцалцæг кодтой хæрæндон æмæ кълæстæ дæр.

Садоны зды æмæ цинчы комбинат раздæр кæм уыди, уыцы ран ныртæккæ ис парчы æмæ музейты комплекс. Куыстытæ конд æрцыдысты, проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. Раздæры цехтæй рауад аивгонд территори бандæттимæ æмæ дидинджытимæ. Зæгъæн ис, æмæ Алагиры цæрджытæн сси уарзондæр фæлладуадзæн бынат.

«Горæты æнцонвадат архайд»-ы проект ивгъуыд аз фадат радта цалдæр хæдзары кæрты территорийы саив кæнынæн. Алагиры районы администрацийы зæгъынц, ахæм куыст кæндзысты ацы аз дæр.

Дыууæ мины дыууынæм аз Алагиры районы хъæздыг сси арæзтадон проекттæй. Сцалцæг кодтой скъолатæ, культурæйы хæдзæрттæ. Уымæй дарддæр сарæзтой фельдшерон-акушерон пункттæ. Амæй фæстæмæ дæр стыр æргом здахдзысты ахуырады æмæ медицинон лæггæдтæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania