Архонкæйы специалисттæ самал кодтой 3 уæлæмхасæн æмæ базылдысты 2 зæронд цъассмæ, сног кодтой донисæны электрон тыхæй æххæстгæнæн системæ
2 азы архайдмæ донæй ифтонггæнæн республикон куыстуатæн бантыст, Цæгат Ирыстоны 15 хъæуы, бирæ рæстæг донимæ баст цы риссаг фарстатæ уыд, уыдон алыг кæнын. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Архонкæйы специалисттæ самал кодтой 3 уæлæмхасæн æмæ базылдысты 2 зæронд цъассмæ, сног кодтой донисæны электрон тыхæй æххæстгæнæн системæ. Ацы мадзæлтты фæрцы къухы бафтыд доны дефицит баххæст кæнын. Нузалы æххæстæй сцалцæг кодтой дондзæуæны уæллаг хай. Даргъ-Къохы базылдысты стыр дондарæн мæсыгмæ. Йæ руаджы дон бахæццæ хъæуы уæллаг хаймæ. Раздæр дзы нæ фаг кодта. Хуымæллæджы фыццаг хатт райдыдтой пайда кæнын донисæн станцæйæ. Сарæзтой йæ 15 азæй фылдæры размæ. Скусын кодтой 2 резервуары. Æппæт ацы ивддзинæдтæ къухы бафтыдысты, Цæгат Ирыстоны донæй ифтонггæнæн республикон куыстуат куы фæзынд, уый фæстæ. Иумæйаг структурæ тыхтæ баиу кодта æмæ системон риссаг фарстатæ лыг кæны.




