филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:57 четверг, 02 мая 2024
04 февраля 2021, 12:05
«РЦИ-А кадджын гражданины» номы æвдисæндар æмæ риуылдаргæ нысан Битарты Вячеславы къухтæй райста Сергей Шойгу

Уый тыххæй указ фыст æрцыд ивгъуыд аз июны

«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы кадджын гражданины» номы æвдисæндар æмæ риуылдаргæ нысан Битарты Вячеславы къухтæй райста Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр, æфсады инæлар Сергей Шойгу. Уый тыххæй указ фыст æрцыд ивгъуыд аз июны. Кадджын æмбырд арæзт æрцыд Уæрæсейы хъахъхъæнынады управленийы Национ центры. Сергей Шойгу кæддæриддæр стыр æргом здæхта æмæ æххуыс кодта Цæгат Ирыстоны адæмæн. Уыимæ алы бæрнон бынæтты уæвгæйæ. Стыр æвæрæн бахаста 90-æм азты ирон-гуырдзиаг быцæу банывыл кæныны хъуыддагмæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады активон архайды фæрцы ныхмæлæуддзинады зонæйы бирæ азты дæргъы уавæр уыд æдас æмæ рæстæмбис. Конд цыди алцыдæр, цæмæй адæмыхæттыты хсæн парахат кæной хæлар ахастдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania