филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:53 пятница, 19 июня 2026
19 марта 2026, 10:33
РЦИ-А Сæргълæууæг фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Хуасдзауты Омаримæ æмæ йæ схорзæхджын кодта «Ирыстоны сæраппонд»-ы майданæй

Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Хуасдзауты Омар администрацийы куыста, афтæмæй бархионæй сфæнд кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацæуын

РЦИ-А Сæргълæууæг фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы кусæг Хуасдзауты Омаримæ æмæ йæ схорзæхджын кодта «Ирыстоны сæраппонд»-ы майданæй. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Хуасдзауты Омар администрацийы куыста, афтæмæй бархионæй сфæнд кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацæуын. Кадимæ сæххæст кодта йæ размæ вæрд хæстæ æмæ нысантæ. Ныр та дарддæр æрлæууыд йæхи куысты уæлхъус. Сæргълæууæг ын арфæ ракодта æмæ йын йæ зæрдæ загъта йæ дарддæры царды стыр æнтыстдзинæдтæ, сæйрагдæр та – æнæниздзинад. Паддзахадон хæрзиуæджы аккаг сси йæ хъæбатырдзинады тыххæй, службæ кодта батальон «Алани»-йы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania