филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:13 пятница, 17 мая 2024
13 октября 2022, 11:45
Рухс федта чиныг «Цард æма рæстдзинад»

Зындгонд юрист Уæдаты Агуыбечыры фырт Сулейманы хъæппæрисæй

«Цард æма рæстдзинад». Ахæм сæргондимæ чиныг рухс федта, зындгонд юрист Уæдаты Агуыбечыры фырт Сулейманы хъæппæрисæй. Йæ фенд хъуыддæгтæ æмæ царды цаутæ адæмы размæ рахаста чингуыты хуызы. Йæ саразынмæ йын баххуыс кодта фыссæг Колыты Виталий. Уæвгæ, Сулейман æрмæст йæ ныффыст чингуыты кой нæ, фæлæ ма, Сосранты Жаннæйæн, раргом кодта йæ арæхстдзинæдтæ дæр.

Рæстæг дам дугъон бæхæй уæлдай нæу. Бæгуы дæр Лескены, Уæдаты бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинаг, хæсты сывæллон, зындгонд юрист, куырыхон хистæр Уæдаты Агуыбечыры фырт Сулейманы цардвæндаджы хабæрттæм хъусгæйæ æнæбамбарæн нæй уыцы хъуыдыйы æцæгдзинад. Уæдæ йæ чингуытæм уарзондзинад та йын абон дæр хæссы удæнцойдзинад.

Сулейман, кæд уацмыстæ фыста газеттæм, уæддæр æххæстæй не мбæрста радзырдта фыссынмæ дæр йæ ныфс кæй бахæссæн, уый. Фæлæ йын рауад. Æмæ афтæмæй фæзынд фыццаг чиныг «Цард æмæ рæстдзинад»

Сулейман зæрдиагæй бацархайдта æхсæнадæн пайдайаг чи уыдзæн, уыцы цардæй ист хъуыддæгтæ адæмы размæ рахæссыныл.

Йæ библиотекæй чингуыты фылдæр хай баст у юридикон къабазимæ. Уыдонмæ кæсгæйæ æмбæлы зæгъын – ахæм æмбыргонд, æрмæстдæр йæ дæсныйады стыр æнтыстдзинæдтæ райсын кæй фæфæнды, ахæм адæймагмæ кæй вæййы.
Сулейман йæ дæсныйадыл æнувыддзинад æвдисы ныр дæр. Йæ хæдзары æххуыс кæны зын уавæрты бахауджытæн.

Уæдæ йæ бирæ арæхстдзинæдты хсæн ма стыр бынат ахсы зæххы куыстмæ уарзондзинад дæр. Беслæны цæргæйæ , кæд йæ зæххы хай стыр нæу, уæддæр æй дзы фæнды алцыдæр ныссадзын, алцыдæр дзы æрзайын кæнын.

Афтæмæй, йæ азтæм нæ кæстæгæйæ, æнцон бадын нæ зоны Уæдаты Сулейман. Фæнды йæ пайдайаг уæвын æхсæнадæн, адæмæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania