13 августа 2020, 11:14
Рухс федта Таматы Таймуразы «Дыгургомы æрдзы атлас»
Алы æрдзон бынат дæр бæрæггонд у къамы
Ног бавæрæн Ирыстоны хæзнадонмæ. Рухс федта Таматы Таймуразы радон сфæлдыстадон куыст. Чиныг «Дыгургомы æрдзы атлас» йæ мидисмæ гæсгæ у æнæбафæзмынгæ. Ис дзы 168 сыфы. Алы æрдзон бынат дæр бæрæггонд у къамы. Ист æрцыдысты квадракоптерæй. Тамайы-фырт сæ лæмбынæг фембырд кодта. Пайдайаг уыдзæн Дыгургоммæ цæуæг бæлццонæн. Йæ фæрцы, æнцонтæй базонæн ис, кæм дæ, цы бынаты да, уый. Атлас рауадзынмæ Таматы Таймуразæн баххуыс кодта амалхъом адæймаг Боллоты Таймураз.