филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 воскресенье, 19 мая 2024
27 августа 2020, 12:41
Сæ историон бынатмæ æрыздæхтысты леопардтæ Батрадз æмæ Агуындæ

Хъæддаг сырдты ауагътой Турмоны фæдзæхст бынатмæ

Сæ историон бынатмæ æрыздæхтысты леопардтæ Баксан æмæ Агурæ. Хъæддаг сырдты ауагътой Турмоны фæдзæхст бынатмæ. Фæлæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты ног, ирон нæмттимæ. Равзæрстой сын Нарты кадджытæй хъайтарты нæмттæ – Батрадз æмæ Агуындæ. Уыдон нысан кæнынц хъæбатырдзинад æмæ рæсугъддзинад.

Фыццаг рауагътой Батразы. Лæгау, уайтагъд дугъ рауагъта æмæ йæ фæд дæр нал аззад хъæды цъæх кæрдæджы. Агуындæ та, сылгоймаг куыддæриддæр вæййы, афтæ æнæ къухæмдзæгъдæй нæ цæуы. Уый сын Ирыстоны радтой ахæм нæмттæ. Райсомæй Сочийы леопардтæ дарыны Центрæй рацыдысты Баксан æмæ Агурæйы нæмттимæ. Дыууæйæ дæр хъæздыг хæдзарвæндагимæ. Батразы ныййарджытæ Франци æмæ Чехийæ сты. Агуындæйы ныййарджытæ та – Иран æмæ Таджикистанæй. Цалдæр секунды, æмæ планетарон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм мадзал фæци. Фынддæс азы размæ леопардты парахат кæныны тыххæй программæ арæзст æрцыд. Фæлæ активон къæпхæны бахызт 2016-æм азы. Уæд æрдзмæ рауагътой фыццаг сырдты. Батраз æмæ Агуындæ ссисты дыккæгтæ.

Дыууæ азы размæ национ парк Аланийы фæзуатмæ  уагъд æрцыдысты фыццаг кавказаг леопардтæ. Эльбрусы кой ныр дæр нæма ис, куыд фесæфтис, уæдæй нырмæ. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис, æмæ зæйы бын фæцис. Æртæ экспедицийы агуырдтой Эльбрусы, фæлæ, хъыгагæн, ничи радта дзуапп, цы фæцис уымæн. Иннæ сырд, йæ ном Волна, тынг хорз æнкъары йæхи. Азæй фылдæр специалисттæ бæрæг кæнынц сырдты, йæ хъуырыл цы бос ис, уый руаджы. Вæййы афтæ, æмæ сыхаг Кæсæг-Балхъары республикæйы дæр вæййы уазæгуаты, фæлæ та фæстæмæ хæдзармæ æрбаздæхы. Кæй зæгъын æй хъæуы, Агуындæ Волнайы хо у. Раздæр дæр Ирыстонмæ арæх цыдысты леопардтæ. Арæх сæ уыдтой Джызæлдоны ГЭСы, æмæ Зæрæмæджы ГЭсы.

Цыппар азмæ Кавказы регионы æдæппæтæй уагъд æрцыд 10 леопарды, дыууæ дзы амард, иу фесæфт. Цас фæцардысты хъæддаг æрдзы, уæдмæ сæ лæппынты ничи рауагъта. Ахæм гæнæн ис  ныр Агуындæ æмæ Батразæн.

Цалынмæ ног цæрджытæ сæ ног хæдзарыл ахуыр кæнынц, уæдмæ Сочийы цæттæ кæнынц ноджыдæр ма дыууæ леопарды. Ацы хатт уагъд æрцæудзысты Дагестаны. Сæйрагдæр хæс у, цæмæй леопардтæ хæстæг ма цæуой адæймагмæ. Афтæмæй, чысыл къахдзæфтæй, ацы рæсугъд хъæддаг цæрæгойтæ здæхынц Кавказмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania