филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:07 суббота, 04 мая 2024
03 августа 2022, 10:17
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн лагерь «Планета детства»-йæ сывæллæттæ сæмбæлдысты æвзонг спортсмен Бæцæзаты Сосланимæ

Уый фæстæ кæй фæндыд, уыдонимæ ахъазыд

Сæрдыгон дзæбæхгæнæн лагерь «Планета детства»-йæ сывæллæттæ сæмбæлдысты 5-æм спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Бæцæзаты Сосланимæ. Æвзонг спортсмен æрæджы сси, стъолыл теннисæй регионты *хсæн турнир «Уæрæсейы фидæн. Цæгат Кавказы курдиæттæ»-йы æвзист призер. Ерыстæ уыдысты Сочийы. Æрæмбырд кодтой, 13 азы онг кæуыл цæуы, ахæм чызджыты æмæ лæппуты. Бæцæзаты Сослан 15 фембæлды фæуæлахиз 14 хатты. Афтæмæй схызти турнирон таблицæйы 2-аг рæнхъмæ. Лæппу йæ тренер Наталья Павловаимæ сывæллæттæн равдыста разминкæ. Уый фæстæ кæй фæндыд, уыдонимæ ахъазыд. Хъомылгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлд у разæнгардгæнæн мадзал. Ныр сывæллæттæй искæй æнæмæнг бафæнддзæн теннисæй архайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania