филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:35 пятница, 19 июня 2026
18 апреля 2026, 09:34
Сæрдыгон туристон сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл ныхас цыд, Уæрæсейы туризмы рæзты хицауадон къамисы æмбырды

Цæгат Ирыстоны номæй дзы архайдта хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Сæрдыгон туристон сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æмæ 2025-æм азы хатдзæгтыл ныхас цыд, Уæрæсейы туризмы рæзты хицауадон къамисы æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер  Дмитрий Чернышенко. Мадзалы архайдтой Уæрæсейы экономикон рæзты министр Максим Решетников, энергетикæйы министр Сергей Цивилев, федералон министрадты æмæ ведомствоты, институтты æмæ иугæндты минæвæрттæ, стæй регионты губернатортæ. Цæгат Ирыстоны номæй дзы архайдта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. 2024-æм азимæ абаргæйæ, 2025-æм азы туристон балцыты нымæц сырæзт 13 проценты. Уый та у фæсарæйнаг туристты 6 милуан адæймаджы онг. Нæ бæстæйы та æмтгæй райсгæйæ фæфылдæр сты 4 %, – загъта вице-премьер. Ныхас цыд транспортон инфраструктурæйыл дæр. Дзанайты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ регионæн туризмæн ис стыр хъомыс, æмæ къабазы рæзтмæ стыр æргом здæхт цæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania