филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:28 среда, 01 мая 2024
30 июня 2023, 11:23
Сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи æрыздæхт, уыдонæн сæ бон уыдзæн æнæ фæлварæнтæй уæлдæр, кæнæ астæуккаг ахуырад райсынмæ бацæуын

Ацы федералон закъоны проект хорзыл банымадтой цæгатирыстойнаг депутаттæ Парламенты Советы æмбырды

Сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи æрыздæхт, уыдонæн сæ бон уыдзæн æнæ фæлварæнтæй уæлдæр, кæнæ астæуккаг ахуырад райсынмæ бацæуын. Ацы федералон закъоны проект хорзыл банымадтой цæгатирыстойнаг депутаттæ Парламенты Советы æмбырды. Ахæм бар лæвæрд цæудзæн, адæймагæн мобилизацийæ, кæнæ службæ ныууадзгæйæ æртæ азы куы рацæуа, æмæ къамисимæ æрныхас кæныны домæнтæ куы сæххæст кæна, уæд. Парламенты æмбырды ма ныхас цыд фæсивæды фæллойадон хъомыладыл. Закъоны проектмæ гæсгæ, скъоладзаутæ хъуамæ активонæй архайой æхсæнадон-пайдадйаг куыстыты. Уыимæ, ныййарджытæй бар исын нал хъæудзæн. Хорзыл ма банымадтой Паддзахадон Думæйы депутатты закъоны проект. Уымæ гæсгæ, æртæ æмæ фылдæр сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы нæлгоймæгтæн фæдзæхстадон пенси лæвæрд цæудзæн æмгъуыдæй раздæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania