Майы рамбылдта грант æмæ уыцы фæрæзтæй балхæдта æмбæлгæ кусæнгæрзтæ, чысыл куыстуат байгом кодта йæхи хæдзары
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Руслан Курбанов райдыдта къозоты куыст кæнын. Майы рамбылдта грант æмæ уыцы фæрæзтæй балхæдта æмбæлгæ кусæнгæрзтæ. Чысыл куыстуат байгом кодта йæхи хæдзары. Ныртæккæ Руслан æмбырд кæны хъæздыг тыллæг. Фидæны та фæнд кæны йæ архайд фæпарахатдæр кæнын, æмæ фæсарæйнаг мыггæгтæ зайын кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Къозоты æцæг дуне. Бирæ азты уыдис Руслан Курбановы бæллиц. Ныр æй сарæзта йæхи хæдзары.
Руслан райдыдта вешенкæтæй. Уыцы хъуыддагмæ бацыд уæлдай разæнгардæй. Сцалцæг кодта йæ пъадвал, балхæдта хъæугæ ифтонггæрзтæ æмæ æрмæджытæ. Къозотæ ам зайынц, куыд æмбæлы афтæ, сæрмагонд голджыты. Хæрынмæ бæззæг веермæ бирæ *нхъæлмæ кæсын нæ фæхъæуы — æрмæтсдæр къуыри æмæ *рдæг. Цæмæй ахæм рæсугъд æмæ хæрзад уой, уый тыххæй сын саразынц æппæт уавæртæ: уæлдæфы уымæлад, хъарм рухс, сабыр бынат. Тыллæг æмбырд кæнын хъæуы сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.
Ахæм цымыдисаг архайдæн æнæ зындзинæдтæй уæвæн нæй. Русланы ныхæстæм гæсгæ, теори куы зонай, уæддæр практикон æгъдауæй къозотæ зайын кæныны хъуыддаг фыццаг хаттæй куыд æмбæлы, афтæ нæ рауайы.
Фæлваргæйæ æмæ рæдийгæйæ Руслан базыдта æппæт сусæгдзинæдтæ — фыццаг кæй æрзайын кодта, уыцы къозотæ куы ауæй кодта, уæд æлхæнджытæй райста бирæ арфæтæ. Цалдæр азы размæ ахæм бизнесы хуыз байгом кæндзæн, ууыл хъуыды дæр нæ акодтаид. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран 2022-æм азы службæ кодта бархион æфсад БАРС 5-ы. Куы сыздæхт, уæд цы кусдзæн, ууыл бирæ рæстæг хъуыды кодта. Фарон курдиат бахаста Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фондмæ. Бафыста бадзырд социалон контракт райсыны тыххæй, æмæ адæмæн куысты бынæттæ агурыны Центрæй райста бизнесы байгом кæнынæн æххуыс. Уыимæ уыдис, Центр «Мой бизнес» финансон дæсныйад фæфылдæр кæнынæн æмæ хи хъуыддаджы æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынæн цы ахуыртæ сарæзта, уыдоны архайæг.
Руслан фæнд кæны йæ хъуыддаг фæуæрæхдæр кæнын. Йæ зæрды ис экзотикон кæй хонынц, ахæм къозотæ зайын кæнын, стæй цы къозоты дуне сарæзта, уырдæм экскурситæ аразын. Хи хъуыддаг байгом кæнын зын нæу, сæйраг у хуымæтæг бæллицæн царды бынат ссарын. Уый æвдисæг — Русланы фæлтæрддзинад.




