филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:58 пятница, 04 сентября 2026
03 сентября 2026, 11:25
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Уалыты Акакий цы хæстон цауты архайдта, уыдонæй йæ зæрдæйы Беслæны трагеди ныууагъта арф хъæдгом

Уым 1-æм сентябрæй 3-æммæ цы федта, уый дзы нæ рох кæны

Цæцæны кампани, Беслæн, Хуссар Ирыстон. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Уалыты Акакий цы хæстон цауты архайдта, уыдонæй йæ зæрдæйы Беслæны трагеди ныууагъта арф хъæдгом. Уым 1-æм сентябрæй 3-æммæ цы федта, уый дзы нæ рох кæны. Ныр алы аз 1-æм сентябры æрбацæуы мемориалон комплексмæ, теракты амæттæгты рухс ном æрхъуыды кæныны тыххæй. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

2004-æм азы 1-æм сентябры Уалыты Акакий, Беслæны скъоламæ тагъдгæнгæйæ, кæцæй зыдта, уыцы бон йæхимæ æмæ йе *мкусджытæм цавæр фæлварæн æнхъæлмæ кæсы, уый. Тревогæмæ гæсгæ æнæхъæн къорд сцæттæ 20 минутмæ. Сывæллæттæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ – архайдта амынæты бахауджыты фервæзын кæныны операцийы. 22 азы фæстæ ногæй æрбацыд скъоламæ.  Ныр æфсæддон тревогæмæ гæсгæ нæ, фæлæ уыцы бонты, йæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, кæй ирвæзын кæныныл архайдта, уыдоны æрымысынæн.

Уыцы рæстæгмæ Акакимæ уыдис службæгæнæджы фæлтæрддзинад. Æфсадæй куы ссыд, уæд сси республикæйы гвардийы уæнг, уым райста хъæугæ цæттæдзинад. Уыдис Горæтгæрон районы цауты, Цæцæны кампанийы æмæ æндæр æфсæддон операциты архайæг.  Фæлæ йæм Беслæны цы *нхъæлмæ каст, уымæ бацæттæ гæнæн нæ уыдис.

3-æм сентябры штурм райдайдзæн, уый æнхъæл ничи уыд. Фыццаг срæмыгъды фæстæ æфсæддонтæ сæ хæцæнгæрзтæ цæттæ кодтой цæугæ цæуын.  Уалыты Акакий террористты æхстытæй хъахъхъæдта, спортивон залæй сывæллоны чи рахаста, стæй скъолайы кæртæй адæмы æддæмæ чи кодта, сæ взводы уыцы къамандыгæнæджы.

Беслæны тыххæй хъæбатырæн зын дзурæн у. 34 азы у слæжбæгæнæг, фæлæ уæззау фæлварæнты фæстæ дæр æнцадæй цæрын ахуыр никуы уыдис. Беслæны трагедийы фæстæ уыд хæст Хуссар Ирыстоны, 2022-æм азы та ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Уым йе *фсæддон хæстæ æххæст кодта афæдзы бæрц, цалынмæ уæззау цæф фæцис, уæдмæ.

Уалыты Акакий, йæ къухы дидинджытæ, афтæмæй лæууы скъолайы дуармæ.  Йæ цæстыты раз – йæ царды хай чи сси, уыцы бынат. Ныртæккæ у сæрмагонд æфсæддон операцийы Ассоциацийы кусæг, æххуыс кæны æфсæддонтæн, аразы фембæлдтытæ скъоладзаутимæ. Йæ фæлтæрддзинад æмæ йæ мысинæгтæ баст сты иунæг нысанимæ: цæмæй фидæны фæлтæртæ цæрой цъæх арвы бын, сабырдзинады рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania