филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 вторник, 03 ноября 2026
27 июня 2025, 10:33
Сæрмагонд æмбырды куыд загътой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны кусынц бæлвырд æфхæрæн мадзæлттыл, æнæзакъон бырондæттæ куынæг кæныны фæдыл

Ахæм хæс сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло

Сæрмагонд æмбырды куыд загътой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны кусынц бæлвырд æфхæрæн мадзæлттыл, æнæзакъон бырондæттæ куынæг кæныны фæдыл. Ахæм хæс сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уымæй дарддæр ма бабар кодта Горæтгæрон районы æнæзакъон бырондоны фарста дæр алыг кæнын. Цалдæр азы дæргъы зиан хæссы Джызæлы алфамбылай экологон уавæрæн. Ныридæгæн æй райдыдтой сыгъдæг кæнын. Цы бакæнын хъæуы, цæмæй фарста бындуронæй лыггонд æрцæуа, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Джызæлы цæрджытæ хъаст кæнынц бырæтты обæуттæй. Арæзтадон æмæ æрвылбон царды хауæццæгты фарста бирæ азты тыхсын кæны адæмы. Хæдзарады цыдæриддæр нал бахъæудзæн, уыдон æмбырдгонд цæуынц ам. Бынæттон цæрæг Пхалæгаты Аслæнбег куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг сыхаг хъæутæй æнæхуынд уазджыты иу æмæ дыууæ хатты нæ атардта, фæлæ уавæр нæ ивы. Цæрджытæ сæхи хъарутæй ссыгъдæг кæнынц территори, æххуыс сын кæнынц зæрдæхæлар адæм, фæлæ та æнæзакъон бырондон ногæй сæвзæры.

Джызæлы администрацийæн хи хъарутæй фарста алыг кæнын сæ бон нæу. Ацы хъуыддаджы сæм æххуысмæ æрбацыдысты æрмæст профилон ведомствæтæ нæ. Специалисттæ сбæрæг кодтой территори æмæ бавнæлдтой æнæзакъон бырондон куынæг кæнынмæ. Йæ фæзуат у 5 гектары. Фылдæр хайы æмбырдгонд сты арæзтадон хауæддзæгтæ æмæ автомобильты шинæтæ.

Фарстайыл архайы республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрад. Ведомствæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй бынаты кусы уæззау техникæйы цалдæр иуæджы – бульдозер, самосвалтæ æмæ экскаватортæ. Джызæлæй бырæттæ ласынц регионалон оператор «Эра»-йы полигонмæ.

Бынæттон цæрджытæ адæммæ сидынц, цæмæй, раздæрау, бырæттæ Джызæлмæ мауал ласой, цæмæй хъæуы кæрæтты хауæццæгты обæуттæ мауал æвзæра.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania