филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:11 воскресенье, 19 мая 2024
18 мая 2021, 15:07
Се нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдон сæ тыхтæ фæлварынц теннисы

Тренировкæтæ кæнынæн сын раздæрау уавæртæ нæй

Се нæниздзинад цудыд, фæлæ цæттæ сты размæ цæуынмæ, уыимæ та спорты архайынмæ. Йæ астæуы стæг хъыгдар кæмæн у, ахæм адæмы хсæн ис бирæ стъолыл теннисмæ йе ргом чи здахы, ахæмтæ. Тренировкæтæ кæнынæн сын раздæрау уавæртæ нæй. Куыд арæхсынц æнæ æмбæлгæ гæнæнтæй спортсментæ, уый тыххæй радзурдзæн Бокоты Виктория.

Спорт кæддæриддæр уыд Гуырцъыты Асланы царды. Бæхты театр «Нарты»-йы кусгæйæ ма уыцы-иу рæстæг архайдта дзюдойæ дæр. Йæ спорт нæ ныууагъта, инвалид куы сси, уæд дæр. 12 азы размæ Аслан бахауд фæндаггон фыдбылызы. Йе спортивон архайд адарддæр кодта теннисы `руаджы.

Уыцы спорты хуызмæ ма æмхиц у Плиты Жаннæ дæр. Жаннæ уыдис, теннисы къорд байгом кæнын чи æрхъуыды кодта, уыцы адæмæй иу. 2 азы размæ ерысты бацахста призон бынат, йæ астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмы хсæн. Амæйразмæ Уæрæсейы чемпионаты та сси æртыккаг бынаты аккаг.

Стъолыл теннис хорз фадат дæтты, йæ астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн спортæй архайынæн, зæгъынц клубы. Уæлдайдæр пайда та хæссы сывæллæттæн.
Фæлæ дзы цæмæй сеппæт архайой, уый тыххæй та хъæуынц æмбæлгæ уавæртæ. Ныртæккæ дзы уыцы-иу рæстæг сæ бон у æрмæстдæр 12 адæймагæн архайынæн. Чысыл зал сын ратты горæты ирхæфсæн центртæй иу.

Се ппæты дæр фæфæнды ерысты бацархайын, фæлæ алы хатт се спортивон цæттæдзинадæй аразгæ нæ вæййы. Фылдæр хæттыты фæкъуылымпы вæййынц, фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кæнынц, уый аххосæй. Фæлæ уæддæр, сæ ныфс нæ сæтты, æмæ сæ зæрдæ дарынц, хи зал сын кæй уыдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania