14 апреля 2026, 11:30
Сенатор Виталий Назаренко фембæлд æрыгон парламентаритимæ
Æрыгон политиктæ йæм лæвæрдтой фæрстытæ
Сенатор Виталий Назаренко фембæлд æрыгон парламентаритимæ. Мадзалы ма архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георгий æмæ депутат, Паддзахадон Думæйы цур фæсивæдон парламенты уæнг Андрей Попов. Виталий Назаренко радзырдта Федерацийы Советы архайды тыххæй. Ацы фембæлд ын Фæсивæдон Парламенты ацы хыгъдимæ уыд фыццаг. Æрыгон политиктæ йæм лæвæрдтой фæрстытæ. Сæ фылдæр баст уыдысты ахуырадимæ, фæсивæдон политикæимæ æмæ патриотон хъомыладимæ. Фембæлд уыд сенаторы регионалон къуыримæ гæсгæ. Йæ саразыны хъæппæрис разынд æрыгон парламентаритæм.
темæмæ гæсгæ




