филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:04 воскресенье, 19 мая 2024
05 октября 2021, 12:31
Сергей Меняйло арфæ ракодта ахуыргæнджытæн

Фæбæрæг кодта педагогы дæсныйады ахадындзинад

Абон у ахуыргæнæджы профессионалон бон. Уæрæх æй бæрæг кæнынц нæ респуликæйы дæр. Йæ агъоммæ Уырыссаг академион театры уыди кадджын фембæлд. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло арфæ ракодта ахуыргæнджытæн. Фæбæрæг кодта педагогы дæсныйады ахадындзинад. Уымæй бирæ аразгæ у адæймаджы фидæн. Уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæры хъомылады.

Республикæйы Сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ, педагогон къабазы æмæ уæлдæр къæпхæны профессионалон æууæлты тыххæй «Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын ном лæвæрд æрцыди 10 ахуыргæнæгæн. Ахуырады сгуыхт кусджытæ систы 7-æй – се хсæн скъолаты директорты хæдивджытæ, техникумты ахуыргæнджытæ, университетты декантæ. Бирæ ахуыргæнджытæ райстой федералон хæрзиуджытæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania