филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:56 пятница, 03 мая 2024
17 августа 2022, 10:52
Сергей Меняйло архайдта Æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия-2022»-йы æмæ Æфсæддон æппæтадæмон хъæзтыты.

Сæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд нæ бæстæйы Президент Владимир Путин

Сергей Меняйло архайдта Æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия-2022»-йы æмæ Æфсæддон æппæтадæмон хъæзтыты. Сæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд нæ бæстæйы Президент Владимир Путин. Куыд загъта, афтæмæй форум йæ ахадындзинад рагæй сфидар кодта, æмæ йæ бынат бацахста хæстон продукцийы дунейы егъаудæр равдыстыты. Президент раарфæ кодта уæрæсейаг товараразджытæн, нæ бæстæйы æфсады æмæ флоты нырыккон хæцæнгарзæй кæй ифтонг кæнынц, уый тыххæй. Абон се ппæт дæр архайынц уæлахизыл, стæй Уæрæсейы технологон æмæ индустриалон рæзтыл. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, форумы фæзтæй иу суыдзæн Цæгат Ирыстон. Уыимæ фыццаг хатт нæ.  19-æмæй – 21-æм августы онг Дзæуджыхъæуы Хъесаты Колкайы уынджы арæзт æрцæудзæн Хъахъхъæнынады, мидхъуыддæгты Министрадты, Уæрæсейы гвардийы æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æфсæддон техникæйы равдыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania