филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:42 пятница, 03 мая 2024
21 марта 2024, 11:22
Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы æхсæнадон рæзты стратегион сессийы

Видеоконференци амыдта Уæрæсейы Хицауады сæрдар Михаил Мишустин

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы æхсæнадон рæзты стратегион сессийы. Видеоконференци амыдта Уæрæсейы Хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Конфернецийы архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, Федералон æмбырдмæ ныстуаны Владимир Путин кæй фæнысан кодта бæстæйы территориалон иудзинады æмæ регионты инфраструктурæйыл парахатæй кусыны ахадындзинад. Уымæй уæлдай, сæвæрдта аивдзинадыл кусыны хæс, гыццыл горæтты, историон бынæтты æмæ хъæуты адæмы царды уавæрты хæрзхъæддзинадыл архайын. Ныхас ма цыди регионтæн алывæрсыг æххус кæныны мадзæлттыл дæр. Фыццаджыдæр та бæстæйы арæнтæм хæстæг цы регионтæ сты, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania