филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:15 суббота, 18 мая 2024
02 июля 2021, 13:23
Сергей Меняйло бабар кодта бырæтты полигоны арæзтад сног кæнын

Мæйы размæ, инвестицион программæ кæй нæ уыди, уый тыххæй объекты арæзтад æрлæууыд

Хицауады радон æмбырды Сергей Меняйло бабар кодта бырæтты полигоны арæзтад сног кæнын. Мæйы размæ, инвестицион программæ кæй нæ уыди, уый тыххæй объекты арæзтад æрлæууыд. Ныртæккæ та уыцы фарстайыл кусынц. Полигоны куыстытæ райдыдтой. Цавæртæ, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Алы бырæттæласæн машинæйæн дæр бардзысты йæ уæз, стæй ма йæ пырх кæндзысты дезинфекцион таддагæй.  Цæгат Кавказы у иунæг бырæттæкусæг комплекс. Нырыккон полигоны хъуамæ уа дæнцæгæн хæссинаг сыгъдæгдзинад. Уымæ гæсгæ алцыдæр нысан кæндзысты. Суанг ма бæрæг кæндзысты, бырæттæ кæм ныгæндзысты, уыцы бынæтты картæ. Уымæй дарддæр ма уыдзысты сыгъдæггæнæн кусæнгæрзтæ. Уымæ гæсгæ донæй уыдзæн ногæй пайда кæнæн. Бырæттæн тæссаг нæ уыдзæн ссудзынæй, стæй ма хауæццæгтæй араздзысты органикон хъацæнтæ. Уый тыххæй дæр проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн хицæн фæз.

Бырæтты куыстгæнæнæг комплекс сног кæныны куыст цæудзæн къæпхæнгай. Фыццаг скусдзæн ацы аз. Афæдзмæ хъуамæ бакуса 100 мин тоннæйы онг.  Комплексы сæйрагдæр у хъæбæр хауæццæгтæ ныгæнæн полигон. Бырæтты бæрц афæдзæй-афæдзмæ рæзы. Комплекс та алыг кæндзæн бирæазон фарста. Йæ арæзтадыл кусы регионалон оператор «Эра».

Проект рæстæгмæ царды уагъд нал цыди. Куыстытæ сног кодтой цалдæр боны размæ. Полигон араздзысты 3 азы. Объектмæ йæ цæст дардзæн нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрад.

Ног объекттæ арæзт цæуынц нырыккон технологитæм гæсгæ. Уый фадат ратдзæн алфамбылай æрдзы сыгъдæгдзинадæн. Куыддæр комплекс æппæт хъомысæй скуса, афтæ дзы фæзындзæн ног куысты бынæттæ. Полигон кусдзæн æхсæвæй – бонæй. Фæллой дзы кæндзæн 100 адæймаджы. Хауæццæгты фæз сарæзтой Æрыдоны. Объект фæзынд, цæмæй дзæуджыхъæуккаг полигонæн йæ архайд фенцондæр уа, уый тыххæй. Нырæй фæстæмæ Дыгуры, Æрæфы, Æрыдоны, Алагиры æмæ Кировы районтæй бырæттæ ногæй бакусынмæ ласдзысты Æрыдонмæ. Уый рæстæг дæр фæстауæрц кæндзæн, стæй ма бырæттæ ласыны тариф фæкъаддæр уыдзæн. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон штабы æмсæрдар Цæгæраты Русланы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг хæс у тарифты уæлæмæцыд не руадзын. Инвестротимæ кусынц иумæйаг программæйыл. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы тариф у 54 сомы æмæ 95 капеччы иу адæймагæй мæймæ. Районты центрты 44 сомы 96 капеччы, хъæуты та 37 сомы æмæ 46 капеччы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania