филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:21 пятница, 17 мая 2024
02 марта 2022, 13:36
Сергей Меняйло бабар кодта Цæгат Ирыстоны æппæт скъолаты футболон командæтæ саразын

Цæмæй уыцы хъуыды царды æххæстгонд æрцæуа, уый тыххæй та хъæуы спортивон залтæ сцалцæг кæнын æмæ футболон фæзтæ саразын

Ивгъуыд азы ноябры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бабар кодта ахсджиаг хъуыддаг бакæнын. Бæлвырддæр та – Цæгат Ирыстоны æппæт скъолаты футболон командæтæ саразын. Цæмæй уыцы хъуыды царды æххæстгонд æрцæуа, уый тыххæй та хъæуы спортивон залтæ сцалцæг кæнын æмæ футболон фæзтæ саразын. Цавæр ивддзинæдтæ ма æрцæудзæн, æмæ цæмæ æнхъæлмæ кæсынц æвзонг спортсментæ, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Футбол – у наукæ, æмæ йемæ зонгæ кæнын хъæуы бындуронæй. Афтæ хъуыды кæны Камбилеевскæйы сывæллæтты командæ     йы тренер Хуыгаты Гурам. Ацы гыццыл залы сæ фыццаг къахдзæфтæ стыр спортмæ кодтой зындгонд спортсментæ дæр. Се хсæн – командæ «Сочи»-йы вице-капитан Цæллагкаты Ибрагим. Ныртæккæ æвзонг футболисттæ сæхи цæттæ кæнынц радон ерыстæм.

Хуыгаты Гурам, Камбилеевскæйы сывæллæтты командæйы тренер: «Фæскадры: Камбилеевскæйы скъолайы командæйы тренировкæтæ цæуынц куыд æцæг футболон секцийы, афтæ. Бæстон кусынц алы хъуыддагыл дæр. Уыимæ стыр æргом здахынц дуаргæсты системæмæ. Æвзонг спортсментæ дæнцæг исынц дунейы зындгонд футболисттæй».

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, сывæллæтты командæтæ фæзындзысты республикæйы æппæт скъолаты. Камбилеевскæйы скъолайы ныридæгæн  байгом кодтой ног спортивон зал. Нысан ма кæнынц тренировкæтæгæнæн уæлцъар баивын. Проекты куратор у хъуыстгонд спортсмен, Премьер-лигæйы тренер Гæззаты Юрий. Уый хорз арæхсы рæзгæ фæлтæримæ куысты.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы приз рамбулыны ерысты архайдзæн 140 сывæллæтты командæйæ фылдæр. Ахæм фæлтæрддзинад бирæтæм ис. Зæгъæм, 2016-æм азы арæзт æрцыдысты Севастополы уæды губернатор Сергей Меняйлойы фыццаг Кубок рамбулыны ерыстæ.

Регионалон къæпхæны фæстæ Дзæуджыхъæуы ацæудзæн финалон турнир. Чи зоны, æмæ уым ссуддзысты футболы ног стъалытæ. Уыимæ канд республикон æмвæзады нæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania