филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 вторник, 21 мая 2024
12 мая 2021, 14:12
Сергей Меняйло фаутæ æрхаста, республикæйы социалон-экономикон рæзты программæйыл Хицауад куыд кусы, уымæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæслæвæрдтæ конд уыдысты мæйы размæ, бæлвырд хъуыддæгтæм та нæма рацыдысты

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фаутæ æрхаста, республикæйы социалон-экономикон рæзты программæйыл Хицауад куыд кусы, уымæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæслæвæрдтæ конд уыдысты мæйы размæ, бæлвырд хъуыддæгтæм та нæма рацыдысты. Сергей Меняйло бахаста фæндон, программæйы бындурмæ 8 къабазы бахæссын. Сæйрагдæртæ хъуамæ суой хъæууон хæдзарад æмæ промышленность. Документ хъуамæ арæзт æрцæуа историон фæлтæрддзинад æмæ туристон хъомыс.

Сергей Меняйло фау æрхаста горæты разамынды куыстмæ дæр. Разы нæу, æнæзакъон арæзтæдтæ халыны хъуыддагыл куыд кусынц, уыимæ. Икъаты Русланбег цы бæрæггæнæнтæ æрхаста, уыдонмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы 132 æнæзакъон арæзтады тыххæй тæрхондон рахаста уынаффæ сæ фехалыны тыххæй. Се хсæн сывæллæтты парчы цады бынаты цы бæрзонд арæзтад ис, уый. Икъаты Русланбег куыд загъта, афтæмæй тæрхондон сæ райхалыны тыххæй фæндон кæмæн бахаста, уыдон акалын сæ комкоммæ хæс у тæрхондæтты пъырыстыфтæн. Фæлæ уым та зæгъынц, фæрæзтæ кæй нæй, уый. Сергей Меняйло бадомдта, радон æмбырдмæ æппæт объектты тыххæй дæр былвырд хъуыддæгтæ. Æмбырды ма ныхас цыди бюджетон организациты хæстыл. Ацы азы 1-æм январы онг куыстуат Россетийæ хæс дарынц 6 миллиардæй фылдæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадæн бахæс кодтой фиддонты схемæ, тарифты политикæ баивын æмæ муниципалитетты æмæ профилон ведомствæты хсæн æмгуыстад банывыл кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania