Боны фæткмæ рахастой Цæгат Ирыстоны закъонæвæрæг оргæны æнæрадон æмбырды, уым боны фæткмæ хаст æрцæудзæн республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд парламенты депутатон фракциты разамонджытимæ. Боны фæткмæ рахастой Цæгат Ирыстоны закъонæвæрæг оргæны æнæрадон æмбырды, уым боны фæткмæ хаст æрцæудзæн республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг. Республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ æмбырд арæзт æрцæудзæн абон. Фембæлды куыд загътой, афтæмæй закъоны проекты амынд ис, муниципалон районтæн сæ бон бюджетон кредиттæ исын кæй у, уый. Уый сын фадат ратдзæни коммерцион кредиттæ раивынæн, уыимæ та бынæттон бюджетты хæрдзтæ фæкъаддæр кæнын. Æмбырды архайдтой Парламенты сæрдар Алексей Мачнев стæй Сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.




