филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:30 пятница, 17 мая 2024
05 мая 2021, 12:26
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министры хæдивæг Андрей Гуровичимæ

Ныхас цыди федералон ведомствæйы æмæ регионы разамынды хсæн дарддæры æмгуыстадыл

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министры хæдивæг Андрей Гуровичимæ, нæ республикæмæ ссыди кусæг балцы. Ныхас цыди федералон ведомствæйы æмæ регионы разамынды хсæн дарддæры æмгуыстадыл. Уымæй уæлдай се ргом аздæхтой, æнæнхъæлæджы цаутæ иуварс кæныны паддзахадон системæйы территориалон дæлхайады рæзтмæ. Фембæлды ныхас цыди субъекты бархион зынгхуыссынгæнджыты службæйы фарстатыл дæр. Уый, адæммæ бахъуаджы сахат æвæстиатæй тæссаг уавæры тыххæй информаци фæхæццæ кæнын, хъæдты зынгсирвæзтытæй тæссаг цы хъæутæн у, уыдоны цæрджыты сæдас кæнын, æмæ афтæ дарддæр. Статистикæмæ гæсгæ, ацы аз Цæгат Ирыстоны хъæдты зынгсирвæзытытæ не рцыд. Зынгсирвæзтытæй тæссаг сезоныл нымад у апрелæй октябрьмæ. Хъæдты зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны хъуыддæгтæн 2021-æм азы бюджет у 10 милуан сомæй фылдæр. Андрей Гурович куыд загъта, афтæмæй центрон аппарат кæдфæндыдæр цæттæ у субъектæн баххуыс кæнынмæ. Фемæблды кæронбæттæн федералон уазæг арфæ ракодта Уæлахизы боны фæдыл, йæ зæрдæ загъта фидар æнтыстытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania