Ныхасы архайдта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Федералон Æмбырды закъондæттæг къамисы уæнгтимæ. Ныхасы архайдта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Къамисы уæнгтæ, сæ сæргъы йæ сæрдар Владимир Немцев, кусæг балцы ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Кусæг къорды хыгъды ма сты Севастополы, Санкт-Петербурджы, Запорожьейы облæсты, Тюмены облæсты Думæйы стæй Мæскуыйы Думæйы разамонджытæ. Сергей Меняйло уазджытæн ракодта зæрдиаг арфæтæ, æмæ загъта – æнгом æмархайд хорзырдæм кæй фæзындзæн не ппæтыл дæр. Регионы разамонæг ма делегацийы уæнгтæн радзырдта Ирыстоны социалон-экономикон рæзты тыххæй, æмæ фехъусын кодта, æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон» йæ дуæрттæ кæй байгом кæндзæн хæстæгдæр рæстæг. Кусæг балцы программæмæ гæсгæ ма фыст æрцыдысты æмгуыстады бадзырдтæ Цæгат Ирыстоны стæй Запорожьейы æмæ Тюмены облæстты хсæн.




