филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:00 воскресенье, 05 мая 2024
12 мая 2023, 11:47
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Александр Калягинимæ

Кадджын уазæг куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон у рæсугъд регион йæхи хъæздыг историимæ æмæ культурæимæ

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы театралон архайджыты цæдисы сæрдар, Мæскуыйы театр «Et Сetera»-йы аивадон разамонæг, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Советон Цæдисы паддзахадон премиты лауреат Александр Калягинимæ. Кадджын уазæг куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон у рæсугъд регион йæхи хъæздыг историимæ æмæ культурæимæ. Куыд æцæг вахтанговец, афтæ мын тынг æхсызгон у – Дзæуджыхъæуы Евгений Вахтанговы хæдзар кæй байгом, уый.  Ахсджиаг цау у куыд уæ горæтæн, афтæ нæ бæстæйы историйæн дæр. Уырны мæ, амæй фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ кæй тырндзысты æцæг аивадуарзджытæ, уый, – загъта Александр Калягин. Бæрнон кусæг Сергей Меняйлоимæ æрныхас кодта æнгом æмгуыстадыл. Регионы разамонæг ма кадджын уазæджы зæрдыл æрлæууын кодта, Дзæуджыхъæу рагæй дæр нымад кæй æрцыд Кавказы культурæйы сæйраг горæтыл. Æнтыстджынæй нæм кусынц Мариинаг театры, Пушкины музейы  филиалтæ. Уæдæ Вахтанговы хæдзар-музей та у хицæн ныхасы аккаг.

Уæрæсейы адæмон артист Александр Калягин ма Уырыссаг академион театры фембæлд журналисттимæ. Йæ пресс-конференцийы радзырдта, нæ республикæмæ цæй фæдыл æрбамбæлд, уый тыххæй. Фыццаджыдæр æй фæндыд Евгений Вахтанговы хæдзар-музей йæхи цæстæй фенын. Зындгонд режиссер æмæ театралон архайæг кæм царди, уыцы уынгты атезгъо кæнын. Пресс-конференцийы ма ныхас цыд Цæгат Ирыстоны театралон аивады рæзтыл. Александр Калягины хъуыдымæ гæсгæ, нæ республикæйы ис алцыдæр, цæмæй суа культурæйæн аргъгæнджыты уарзондæр бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania