филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:02 пятница, 03 мая 2024
19 января 2024, 11:31
Сергей Меняйло фембæлд УФ арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ

Ныхас цыд республикæйы арæзтадон комплексы райрæзты ахсджиагдæр фарстатыл

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы кусæл балцы рæстæг фембæлд Уæрæсейы Федерацийы арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ. Ныхас цыд республикæйы арæзтадон комплексы райрæзты ахсджиагдæр фарстатыл. Сергей Меняйло фехъусын кодта, 2023-æм азы сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн паддзахадон æххуыс кæй райстой 98 æрыгон бинонтæ. Цæмæй субсиди исыны рад тагъддæр размæ цæуа, уый тыххæй хъæуы финансон мадзæлттæ фæфылдæр кæнын. Уымæй уæлдай, паддзахадон æххуыс райсынæн фыццаградон бар радтыны курдиæттæ вæййы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй. Республикæйы разамонæг æмæ федералон министр æрныхас кодтой ацы фарста алыг кæныны гæнæнтыл.  Сæрмагонд æргом аздæхтой бæстæйы президенты хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ, ламидæттæй тæссаг территориты чи цæры, уыцы адæмы æндæр бынæттæм раивыны фæдыл. Цæгат Ирыстоны тæссаг зонæмæ хауы Мæздæджы районы 159 хæдзары. Ныхас ма цыд Дзæуджыхъæуы 261 гектары фæзуатыл ног микрорайоны арæзтадыл. Дзырдтой, федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæныныл дæр. Республикæйы ивгъуыд аз куыстытæ фесты æппæт нысангонд территориты. Сæ хыгъды 42 æхсæнадон зонæйы æмæ 43 бирæуæладзыгон хæдзары кæрты. Профилон программæмæ гæсгæ та 2019-æм азæй фæстæмæ республикæйы 1470 цæрæгæй фылдæры раивтой  кæлæддзаг цæрæн фондæй. Фембæлды æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны арæзтадон къабазæн кусджыты цæттæ кæныны фарстайыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania