Куыстуаты генералон директор ын скодта экскурси
Сергей Меняйло йæ кусæг балцы рæстæг Белоруссийы фембæлд Минскы автомобилон заводы разамындимæ. Куыстуаты генералон директор ын скодта экскурси. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ нæм ис иумæйаг хъомысджын къабæзтæ, æмæ сæ хъæуы ахадгæйæ спайда кæнын. Æмгуыстады фæлгæты снысан кодтой дыууæ рдыгæй дæр пайда чи уыдзæн, ахæм къабæзты райрæзт. Уæвгæ, Белорусси цæттæ у алывæрсыг æмгуыстадмæ дæр – промышленность, хъæууон хæдзарад, æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад. Фæлæ Цæгат Ирыстонæй импортыл дзургæйæ та æппæты фыццаг – туристон лæггæдтæ. Минскы автомобилон компани уадзы уæзласæн транспорт, автобустæ, троллейбустæ æмæ æндæр техникæ. Нæ республикæмæ Белориссийы минæвæрттæ куы ссыдысты, уæд бафыстой базарадон-экономикон, наукон-техникон æмæ культурон бастдзинæдтæ фæфидардæр кæныны бадзырд.




