филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:36 вторник, 21 мая 2024
23 апреля 2021, 13:04
Сергей Меняйло кусæг фембæлд сарæзта Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбегимæ

Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой нæ горæты социалон-экономикон рæзтыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло кусæг фембæлд сарæзта Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбегимæ. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой нæ горæты социалон-экономикон рæзтыл. Бæлвырддæр та стыр æргом аздæхтой хъалонисæн базæ фæфылдæр кæнынмæ, стæй чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзтмæ. Ныртæккæ цы уавæры стæм, уый хъæуы дарддæр хæццæ кæнын, æнтыстджын чи у, уыцы проектты рæзтыл дæр хъæуы кусын. Уый хауы лæггæдты æмæ товарты хæрзхъæддзинад хуыздæр кæнынмæ. Пайда хъуыддаг у куыд проектты автортæн, афтæ инвестортæн, горæт æмæ республикæйæн дæр, æмтгæй райсгæйæ, – загъта Сергей Меняйло.

Икъаты Русланбег та бафиппайдта, кæй у цæттæ йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæй дарддæр пайда кæнынмæ, æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты Сконды архайдмæ ног хъуыддæгтæ хæссынмæ. Нæ сæйраг хæс у – горæты цæрджыты уавæртæ хуыздæр кæнын, – загъта Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania