филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:05 вторник, 21 мая 2024
01 февраля 2024, 11:11
Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд доны æвæрæнты федералон агентады разамонæг Дмитрий Кирилловимæ

Æрдзырдтой былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытыл, стæй Цæгат Ирыстоны доны объекттæм базилыны фарстатыл

РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд доны æвæрæнты федералон агентады разамонæг Дмитрий Кирилловимæ. Æрдзырдтой былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытыл, стæй Цæгат Ирыстоны доны объекттæм базилыны фарстатыл. Паддзахадон программæмæ гæсгæ, ацы аз республикæйы дарддæр æххæстгонд цæуы доны былгæрæттæ фидаргæнæн фæрæзты бындурон цалцæг. Уымæй уæлдай, 2025-æм азæн федералон ведомствæмæ æрвыст æрцыди республикæйы курдиат Суададжы, Ногхъæуы æмæ Дзуарыхъæуы доны былгæрæттæ фидаргæнæн конструкциты арæзтадæн. Хæстæгдæр рæстæг арвитдзысты Джызæлдоны былгæрæттæм базилыны тыххæй курдиат дæр, уыдон та донивылдтытæй бахъахъхъæндзысты Хъобан. Республикæ ма фæнд кæны, доны æвæрæнты экологон уавæр снывыл кæныны мадзæлттæ, федералон проектмæ бахæссын дæр. Се хсæн – Камбилеевкæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Терчы былгæрæтты уавæрмæ хъæуы донивылдтыты сезоны размæ æркæсын, уымæн æмæ арæх цæугæдоны æмвæзад ссæуы уæллоз æмæ тæссаг вæййы арæзтæдтæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania