филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:42 вторник, 03 ноября 2026
14 июля 2026, 10:30
Сергей Меняйло парламентæн бахæс кодта, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проектмæ ногæй æркæсын

Документы ацы хуызыл бæстондæр куыст æрцæудзæн, республикæйы Конституцийы æмæ федералон закъонæвæрынады домæнтæ хынцгæйæ

Сергей Меняйло парламентæн бахæс кодта, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проектмæ ногæй æркæсын. Амæй размæ йæ бацæттæ кодта республикæйы хицауад. Документы ацы хуызыл бæстондæр куыст æрцæудзæн, республикæйы Конституцийы æмæ федералон закъонæвæрынады домæнтæ хынцгæйæ. Уый тыххæй, регионы разамонæг фехъусын кодта æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Иннæ ахсджиаг фарста — Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнты районы зæххы хай. Социалон хызты апарахат информаци, уыцы территори 49 азмæ арендæйы лæвæрд кæй у, уый тыххæй. Сергей Меняйло бадомдта, ацы хъуаддаг бæлвырдæй сбæрæг кæнын. Аппаратон æмбырды ныхас цыди Цæгат Ирыстоны артаджы уавæры тыххæй дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур куыд загъта, афтæмæй адæм артагмæ рады лæууынц 30 минутæй сахаты онг. Артаджы 9 станцæйы æргътыл зынгæ бафтыдтой. Информаци радтой монополиты ныхмæ службæмæ. Сергей Меняйло Фæлхасадмæ цæстдарды управленийæн бахæс кодта артаджы хæрзхъæддзинадмæ цæстдард фæкарздæр кæнын, уæлдайдæр та гыццыл станцæты. Базæты ныртæккæ ис 3 мины æмæ 5 сæдæ тонны бензин, æмæ 2 мины 5 сæдæ тонны та дизелы артаг. Фæндагыл ма ис дыууæ мин тонмæ хæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania