29 марта 2024, 12:39
Сергей Меняйло раарфæ кодта, Уæрæсейы национ гвардийы бæрны чи нæй, уыцы æфсæдты Управленийы кусджытæн
Регионы разамонæг офицертæн кадджын уавæры радта ведомствойы 3-æгæм къæпхæны майдантæ
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло раарфæ кодта, Уæрæсейы национ гвардийы бæрны чи нæй, уыцы æфсæдты Управленийы кусджытæн. Регионы разамонæг офицертæн кадджын уавæры радта ведомствойы 3-æгæм къæпхæны майдантæ. Хæрзиуджыты тыххæй Указ бафыста Уæрæсейы Федерацийы национ гвардийы æфсæдты Федералон службæйы Директор Виктор Золотов. Ведомствойы хæрзиуджыты аккаг систы пъæлицæйы дæлбулкъон Саутæты Аслан, пъæлицæйы майортæ Коцойты Аслан æмæ Хъæмæрзаты Зауыр, пъæлицæйы капитан Дзылыхты Олег, стæй пъæлицæйы лейтенант Баскаты Сослан.
темæмæ гæсгæ