Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æвзарæн штабтæ хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ бацæттæ кæнын, стæй рагагъоммæ хъæлæс кæныны процессы чи архайдзæн, уыдоны регистраци скæнын
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æвзарæн штабтæ хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ бацæттæ кæнын, стæй рагагъоммæ хъæлæс кæныны процессы чи архайдзæн, уыдоны регистраци скæнын. Ацы фарстатыл Сергей Меняйло æрныхас кодта партийы регионалон политикон советы уæнгтимæ. Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй рагагъоммæ хъæлæс кæныны мадзæлттæ ацæудзысты электрон форматы. Схъæлæс кæныны бар ис республикæйы цæрджытæн се ппæтæн дæр. Уый тыххæй хъæуы рагагъоммæ хъæлæс кæныны официалон сайты регистраци скæнын. Уæвгæ та процедурæ цæудзæн 23-æм майæ 29-æм маймæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, «Иугонд Уæрæсе» у иунæг парти, депутаттæн кандидатты æппæт æмвæзадты æвзæрстытæм рагагъоммæ хъæлæс кæныны мадзæлттæ чи аразы. Бацархайыны хъуыддаг дзы у æнæмæнг, партийы номæй рацæуыны тыххæй.