филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:45 вторник, 21 мая 2024
04 мая 2021, 11:48
Сергей Меняйло сбæрæг кодта, Беслæны райрæзты генералон пъланы мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый

Бæрæггæнæн мадзæлтты ма архайдтой профилон ведомствæты разамонджытæ æмæ хицауады уæнгтæ

Сергей Меняйло сбæрæг кодта, Беслæны райрæзты генералон пъланы мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Бæрæггæнæн мадзæлтты ма архайдтой профилон ведомствæты разамонджытæ æмæ хицауады уæнгтæ. Æппæты фыццаг Сергей Меняйло ссардта, Беслæны теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ, стæй фембæлд æхсæнад «Беслæны мадæлтимæ». Йæ разамонæг Дудиаты Сусаннæ регионы разамонæгмæ бахаста фæндон, цæмæй баххуыс кæна теракт раст равзарынмæ æмæ сæм фæкæса скъолайы бæстыхайы музей саразынмæ. Сергей Меняйло куыд бахахх кодта, афтæмæй уыцы хъуыддаджы баххуыс кæнын йæхицæн нымайы бæрнон хæсыл. Бæрæггæнæн мадзалы архайджытæ федтой, æрыгон техникты æмæ натуралистты станцæты арæзтад куыд цæуы, уый. Техниктæн уыдзæнис сæрмагонд фæз радиомодельтæ иртасынмæ, натуралисттæн та сараздзысты сæрмагонд хъæрмуаттæ автоматикон вентиляци æмæ рухсгæнæнтимæ. Йæ бындурыл сæ бон уыдзæнис цыфæнды афон дæр алыхуызон биокультурæтæ садзын. Дыууæ объекты дæр уыдзæнис гæнæнтæ, сæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн.
Дарддæр федтой Чкаловы уынджы скъолайы арæзтад. Уым ныридæгæн сæххæст кодтой куыстыты 17% æмæ фехæлдтой нысангонд æмгъуыдтæ. Сергей Меняйло подрядон компанийæн бабар кодта, цæмæй аиппдзинад аиуварс кæной æмæ объект радтой ацы азы кæронмæ.

Республикæйы разамонæг бабæрæг кодта Беслæны донсыгъдæггæнæнтæ дæр. Уым ивгъуыд азы кæрон райдыдта рацарæзт. Ныртæккæ уал аразджытæ фехæлдтой зæронд ифтонгарз æмæ дзы æрæвæрдтой энергифæстауæрцгæнæг фæрæзтæ. Реконструкцийы иумæйаг аргъ та у 126 милуан сомы.

Фæстæдæр Рахизфарсы районы администрацийы сарæзтой Беслæны социалон-экономикон райрæзты фарстатыл æмбырд. Куыд дзы фæбæрæг кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны райрæзты программæйы ис 64 мадзалы, уыдонæй 38 сты Беслæны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania