филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:21 пятница, 03 мая 2024
08 февраля 2024, 11:51
Сергей Меняйло Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады советимæ сарæзта æмбырд

Æрдзырдтой дзы, ивгъуыд аз сæ къухы цы бафтыд, ууыл, стæй 2024-æм азы нысантыл

РЦИ-А-йы сæрдар Сергей Меняйло Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады советимæ сарæзта æмбырд. Æрдзырдтой дзы, ивгъуыд аз сæ къухы цы бафтыд, ууыл, стæй 2024-æм азы нысантыл. Йæ разныхасы Сергей Меняйло бафиппайдта, Уæрæсейы тыххæй зонындзинæдтæ ахадгæ æмæ ахсджиаг кæй сты, стæй экогеографион райрæзты сæвзæрд  дарддæры фæлтæртæм хæццæ кæнын кæй хъæуы, уый. Регионы разамонæг бузнг загъта Уырыссаг георграфион æхсæнады архайджытæн, егъау æмæ хъæугæ куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Уыцы куысты руаджы Цæгат Ирыстоны истори æнцондæр бахъахъхъæнæн уыдзæн. Зæрдæ дары, дарддæр дæр организаци æхсæнады райрæзтмæ зынгæ æвæрæн кæй бахæсдзæн, ууыл. Огъуаты Алан мадзалы архайджытæн бакаст доклад РЦИ-А-йы Уырыссаг географион æхсæнады хайадæн цы бантыст æмæ сæм фидæнмæ цы проекттæ ис, уыдоны тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй фæстаг азты царды рауагътой æхсæнады 3 егъау грантон проекты. Арæзт сты Цæгат Ирыстоны туризм æмæ этногеографион иртæстыты райрæзты тыххæй. Огъуаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй регионалон хайады командæ фæнд кæны республикæйæн ахсджиаг цы проекттæ сты, уыдон дарддæр дæр царды уадзын. Зæгъæм, бакусын туризмыл, географийæ зонындзинæдты æмвæзадыл, историон – культурон бынтæ бахъахъхъæныныл æмæ афтæ дарддæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæныдзыстæм, Уырыссаг географион æхсæнад у бæстæйы æппæтæй рагондæртæй иу. Йæ сæйраг хæстæ сты Уæрæсейы æмæ дунейы тыххæй географион æрæмджытæ æмбырд æмæ парахат кæнын, стæй æрдз хъахъхъæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania