филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:10 среда, 01 мая 2024
12 марта 2024, 12:30
Сергей Меняйло журналистты фæрстытæн дзуæппытæ радта информацион агентад ТАСС-ы фæзы

Республикæйы Сæргълæууæг радзырдта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны мадзæлтты, Цæгат Ирыстоны рæзтæн фыццаградон хæсты, социалон æмæ культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проектты тыххæй

Сергей Меняйло журналистты фæрстытæн дзуæппытæ радта информацион агентад ТАСС-ы фæзы. Республикæйы Сæргълæууæг радзырдта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны мадзæлтты, Цæгат Ирыстоны рæзтæн фыццаградон хæсты, социалон æмæ культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проектты тыххæй. Афтæ регионы разамонæг фехъусын кодта, иннæ аз кæй нысан кæнынц,  Уæрæсейы Хуссар хайы йын æмбал кæмæн нæ уыдзæн, ахæм культурон центры арæзтады райдайын. Ныхас цыди ахуырады системæйы рæзтыл дæр, ныридæгæн куыст цæуы, кадртæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста алыг кæныныл. Сергей Меняйло зæрдыл æрлæууын кодта, скъолаты бындурон цалцæджы системæйы республикæ раззагдæрты хыгъды кæй ис, уый. Фембæлды сæйрагдæр фарста уыди не фсæддонтæн æмæ сæ хæстæджытæн æххуыс кæныны хъуыддаг. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд Цæгат Ирыстоны йæ куыст кæны æххæстæй. Сæрмагонд операцийы архайджыты фиддонтæй республикæйы хæстæ нæй. Сæргълæууæг фидарæй загъта, сæйрагдæр хæс у æфсæддонты сывæллæттæн æххуыс кæнын, уыимæ, сын нысанмæ ахуырадмæ бацæуынмæ хъуамæ къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Сергей Меняйло ма фехъусын кодта, Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн æххуыс кæныны мадзæлтты тыххæй дæр. Зæрдыл æрлæууын кодта, реабилитацийы программæ 2030-æм азмæ кæй адарддæр кодтой, уый, стæй фæфылдæр программæйæн цы фæрæзтæ дихгонд цæуы, уыдоны бæрц дæр. Республикæйы Сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, иннæ аз регионы æхгæд æрцæудзæн арæзтæдтæм фæрæзтæ чи бахаста, æмæ кæй асайдтой, уыдоны фарста дæр, ацы аз та Малгобекы райдайдзæн ламидæттæй тæссаг кæм у, ахæм бынæттæй адæмы æдас ранмæ ракæныны куыст. Уымæй уæлдай Сергей Меняйло загъта, Дзæуджыхъæуы мастер-пълан æхсæнадæн бавдисдзысты президенты æвзæрстыты фæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania