филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:34 пятница, 03 мая 2024
18 января 2024, 11:50
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди Алексей Серкоимæ

Æрныхас кодтой регионы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæйы арæзтадыл æмæ Транскамы æдасдзинады мадзæлттыл бакусыны фарстатыл

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди статс-секретарь – граждайнаг хъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы цауты æмæ сæ фæтиуджытæ иуварс кæныны  фарстаты фæдыл министры хæдивæг Алексей Серкоимæ. Æрныхас кодтой регионы зынгсирвæзтыты ныхмæ службæйы арæзтадыл æмæ Транскамы æдасдзинады мадзæлттыл бакусыны фарстатыл. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны нысан кæнынц службæйы 4 дæлхайады арæзтад, конд цæудзысты къæпхæнгай: Дзуарыхъæуы, Мамысоны, Мацутæйы æмæ станицæ Павлодольскæйы. Ацы ногдзинæдтæ фадат ратдзысты зынгсирвæзтыты рæстæг оперативондæрæй архайынæн, материалон æгъдауæй къаддæр зиан æрхæссынæн, уыимæ та дзы къаддæр уыдзæни хъагдардбаййафджытæ дæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania